Хуссар Иры хъӕутӕй иуы ӕхсӕвы басыгъд цӕрӕн хӕдзар

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры хъӕутӕй иуы ӕхсӕвы басыгъд цӕрӕн хӕдзар
Хуссар Иры хъӕутӕй иуы ӕхсӕвы басыгъд цӕрӕн хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Тъбеты хъӕуы ӕхсӕвы басыгъд цӕрӕн хӕдзар, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Уагдоны куыд радзырдтой Sputnik-ӕн, афтӕмӕй зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
"Тъбеты хъӕуы ӕхсӕвы басыгъд иууӕладзыгон цӕрӕн хӕдзар. Цалынмӕ зынгфӕдисон къорд цауы бынатмӕ цыд, уӕдмӕ арт аххӕссыд ӕнӕхъӕн хӕдзарыл", - банысан кодтой министрады.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц.
Ног хабӕртты лентӕ
0