Карасин Женеваг дискусситы тыххӕй: Швейцарийӕн альтернативӕ нырма нӕй

© InstagramЖенева
Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Федерацийы Советы ӕхсӕнадӕмон комитеты разамонӕг Григорий Карасин фехъусын кодта, Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситӕн нырма альтернативон фӕзуат нӕй, хъусын кӕны РИА Новости.
Уый размӕ Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) официалон минӕвар Мария Захарова фехъусын кодта, Уӕрӕсе кӕй хъуыды кӕны Женеваг дискусситы Швейцарийӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ рахӕссыныл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Мӕскуыйы скъуыддзаг баст у уыимӕ, ӕмӕ Швейцари сафы ӕууӕнк куыд ӕхсӕнылӕг ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты.
"Швейцари сафы ӕууӕнк, уымӕн ӕмӕ фесӕфта нейтралон статус Уӕрӕсейы ныхмӕ санкцитӕм куы ӕрбаиу, уӕд", - загъта сенатор.
Уыимӕ иумӕ Карасин нӕ фехъусын кодта бӕстӕтӕ, кӕцытӕ цӕттӕ сты райсын сӕ территорийыл консультациты хайадисджыты.
Дискусситӕ байгом сты Женевайы 2008 азы 15 октябры Гуырдзыстоны агрессийы фӕстӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ. Женеваг дискусситы ӕмхуызон бартыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ минӕвӕрттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0