Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй

© Sputnik / Вадим Жернов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй
Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæй пайда кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ æрцахстой столицæйы 36-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайдта наркотиктæй пайда кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрад (МХМ).
"Фæткхалæг не сразы медицинон басгæрст рацæуыныл. Уый размæ ацы æмбæстаджы дыууæ хатты æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ наркотикон буарадтæй пайда кæныны тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, нæлгоймаджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0