Нарты кадджытӕ ӕмӕ уырыссаг адӕмон аргъӕуттӕ: театр "Саби" ратдзӕн Цхинвалы 14 равдысты

© Пресс-служба театра "Саби"Театр "Саби" ратдзӕн Цхинвалы 14 равдысты
Театр Саби ратдзӕн Цхинвалы 14 равдысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны ӕвзонг кӕсӕджы театр "Саби" Хуссар Ирыстоны йӕ гастролты рӕстӕджы ратдзӕн 14 спектаклы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Галаоты Асланбек.
"Хуссар Ирыстоны 16 апрелы паддзахадон театры сценӕйыл ӕмӕ 17 апрелы та культурӕйы хӕдзары артисттӕ равдисдзысты нарты каджытӕм гӕсгӕ спектакль, кӕцы сӕвӕрдта Хъӕцмӕзты Ацӕмӕз", - загъта уый.
Ӕдӕппӕтӕй цыппар боны дӕргъы труппӕ ратдзӕн 14 равдысты.
"16 - 19 апрелы скъолаты ӕмӕ сабидӕтты ӕвдыст цӕудзӕн спектакль "Терешечка" Михаил Садовскийы пьесамӕ гӕсгӕ", - бафтыдта уый.
Цӕгат Ирыстоны "Саби" Хуссар Ирыстонмӕ цӕуы 1988 азӕй фӕстӕмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0