Хуссар Иры хицауад фæкарздæр кодта коррупцийы ныхмæ мадзæлттæ МХМ рæнхъыты

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры МХМ
Хуссар Иры МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы рабадтыл бахаста ивындзинæдтæ милицийы фæдыл законмæ, уымæ гæсгæ фæуæрæхдæр сты Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) бартæ коррупцийы ныхмæ тохы уагдоны рæнхъыты.
Ацы фарсты фæдыл докладимæ ралæууыд МХМ сæргълæууæг Гуыцмæзты Алан.
"Ацы ивындзинæдты руаджы иуварс æрцæудзысты МХМ кусæджы архæйдтытæ, кæцытæ æвзæрын кæнынц дызæрдыгдзинад йæ цæсгомджын куысты, афтæ ма эффективонæй æххæст кæндзысты сæ службæйон хæслæвæрдтæ", - загъта министр.
Гуымæзты Алан бахахх кодта, законы проект кæй фæуæрæхдæр кæндзæн мидхъуыддæгты органты фадæттæ коррупцион архайд иуварс кæныны фæдыл.

"Уыимæ иумæ министрады кусджытæн бар нæ уыдзæн æххæст кæнын политикон архайд, афтæ ма фæфылдæр уыдзæн иумæйаг дисциплинæ", - банысан кодта министр.

Хицауад æмхъæлæсæй сфидар кодта ивындзинæдтæ законмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0