Хуссар Иры æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн барвæндонæй хæссын фиддонтæ пенситæн

© Sputnik / Natalia AiriyanСоциалон фонд
Социалон фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн барвæндонæй хæссын фиддонтæ пенсион фæдзæхстмæ. Æмбæлон уынаффæ рахастой республикæйы хицауады рабадтыл æртыццæджы.
Ацы фарсты фæдыл докалдимæ ралæууыд фæллойад æмæ социалон райрæзты министр Гаглойты Олег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы æмбæстæгтæн фадат уыдзæн райсын фæдзæхстон стаж РХИ социалон фондмæ барвæндонæй фиддонтæ бахæссыны руаджы.
"Цæрджыты цымыдис кæны пенсион фæдзæхст, æмбæлон куырдиæттæ нæм æрбацыд æмбæстæгтæй", - бахахх кодта Гаглойты Олег.
Хицауад æмхъæлæсæй райста ацы законы проект.
Ног хабӕртты лентӕ
0