Хуссар Иры Æмдзæрины хъæуæн фæстæмæ ратдзысты ном "Цъинагар"

© Sputnik / Natalia AiriyanЦъинагар
Цъинагар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта законы проект, кæцымæ гæсгæ цæрæн пункт Æмдзæрины ном раивдзысты Цъинагармæ. Æмбæлон уынаффæ рахастой хицауады рабадтыл æртыццæджы.
Ленингоры районы сæргълæууæг Уалыты Муртаз куыд банысан кодта, афтæмæй хъæуæн фæстæмæ радтой йæ историон ном.
"Æмдзæрины хъæуы цæрджыты фылдæр хай хорзыл нымайынц цæрæн пунктæн фæстæмæ Цъинагары ном радтыны хъуыды", - банысан кодта Уалыты Муртаз.
Хицауад æмхъæлæсæй сразы ацы законы проект райсыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0