Хуссар Иры минӕвӕрттӕ хайад райстой уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты фембӕлды Индийы

© Sputnik / Аманда ТомаеваУырыссаг хӕдзар
Уырыссаг хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ Наталья Жуйкова ӕмӕ Хъотайты Светлана уыдысты Индийы, горӕт Нью-Дели, цы ран ацыд уӕрӕсейаг ӕмбӕстаг сылгоймӕгты III Евразиаг фембӕлд.
Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты Цӕдисы разамонӕг Наталья Жуйкова банысан кодта, конференцийы фӕлгӕтты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой проблемӕтыл, кӕцытӕ фӕзынынц ӕмбӕстӕгтӕн фӕсарӕнты.
"Уӕрӕсейы расидтысты бинонты аз, уый фӕдыл конференцийы темӕ дӕр уыд бинонты ахастытӕ", - загъта Жуйкова.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, конференцийы хайадисджытӕ ауагътой мастер-класстӕ ӕмӕ ралӕудтӕ проектты фӕдыл, кӕцытӕ баст сты бинонты традициты темӕимӕ.
Мадзал уагъд цыд УФ минӕварады Индийы ӕмӕ Уырыссаг хӕдзары.
Жуйкова бафтыдта, зӕгъгӕ, фидӕн конференци ацӕудзӕн 2025 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0