Цхинвалы ӕрдзырдтой Галаты Борисы ном сӕнусон кӕныныл

© Sputnik / Наталья АйриянГалаты Борисы Хӕдзар-музей
Галаты Борисы Хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik. Уырыссаг хӕдзары разамонӕг Цхинвалы Сергей Комиссаров ӕмӕ "Галаты Аслан-Гирейы Хӕдзар-музейы" минӕвар Гӕбӕраты Андрей ӕрдзырдтой ирон музыкалон традициты бындурӕвӕрӕг, кӕцы бахаста егъау хайбавӕрд культурӕйы райрӕзтмӕ – Галаты Борисы ном сӕнусон кӕныны нывӕстытыл.
Уырыссаг хӕдзары пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Гӕбӕраты Андрей радзырдта, Галаты Борисы ном кӕй нывӕндынц раттын йӕ райгуырӕн цӕгатирыстойнаг Мӕздӕджы Культурӕйы хӕдзарӕн, афтӕ ма Галаты Борисы номыл Паддзахадон ансамбль "Симд" фӕнд кӕны ралӕууын концертимӕ Мӕздӕджы 2024 азы.
Гӕбӕраты Андрей ӕмӕ Сергей Комиссаров банысан кодтой, зӕгъгӕ, ацы цаутӕ иумӕйаг стыр бӕрӕгбонон мадзалы фӕлгӕтты ӕрбаиу кӕнын кӕй уыдаид нысаниуӕгджын цау Ирыстоны культурон царды, афтӕ ма ахъаз уыдаид Хуссар Ирыстоны бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕнынӕн Уӕрӕсейы регионтимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0