Хуссар Иры Знауыры районы Уӕлахизы бонмӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕндзысты СФХ цыртытӕ

© Sputnik / Фото с места событияХуссар Иры Знауыры районы Уӕлахизы бонмӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕндзысты СФХ цыртытӕ
Хуссар Иры Знауыры районы Уӕлахизы бонмӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕндзысты СФХ цыртытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы 9 маймӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты (СФХ) цыртытӕ се 'ппӕтдӕр хӕрзарӕзт ӕрцӕудзысты, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы разамонӕг Гобозты Алан.

"Фарастӕм майы бӕрӕгбонмӕ Стыр фыдыбӕстон хӕсты ӕппӕт цыртытӕ дӕр хъуамӕ уой ӕмбӕлон уагыл, районы ахӕм мемориалтӕ ис 12 хъӕуы", - загъта уый.

Уый ма банысан кодта, ацы хъусдард кӕй у нӕ фыдӕлты хӕстон хъайтардзинадӕн цыт.
Ног хабӕртты лентӕ
0