РХИ парламентон æвзæрстытæм сæ куырдиæттæ бадæттой 11 адæймаджы иумандатон зылдты фæдыл

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik, Козаты Диана. Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) дарддæр исы документтæ политикон партитæ æмæ иумандатон зылдты кандиадаттæй, кæцытæ нывæндынц хайад райсын Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты æвзæрстыты.
Фæстаг бонты дæргъы ЦÆК райста документтæ ноджы фондз кандидатæй: парламенты архайгæ депутаттæ Чсиаты Константин (æвзарæн зылд №5) æмæ Гаглойты Аланæй (иумандатон зылд №8), афтæ ма Гæбæраты Гамлет (æвзарæн зылд №7), Котолиты Бола (вæзарæн зылд №8) æмæ Гаглойты Давидæй (æвзарæн зылд №5).
Централон æвзарæн къамисмæ æдæппæт сæ документтæ бадæттой 11 адæймаджы. Сæ кандидатты иумандатон зылдтæй раразмæ кодтой цалдæр политикон парти дæр.
Кандидаттæн баззад къуырийæ цъусдæр, цæмæй радтой æнæмæнгхъæугæ документтæ ЦÆК-мæ. Документты райст балхынцъ уыдзæн 25 апрелы.
Парламенты æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны.
Ног хабӕртты лентӕ
0