Ирон спортсмен рамбылдта бронзӕйон майдан Уӕрӕсейы фыццагады греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

© Unsplash / Jacob RiceИрон спортсмен
Ирон спортсмен - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирыстойнаг спортсмен Годжысаты Георгий рамбылдта бронзӕйон майдан Уӕрӕсейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 24 азы кары спортсменты ӕхсӕн.
Годжысаты Георгий бацахста ӕртыккаг бынат 77 кг уӕзы категорийы. Бронзӕйон майданыл тохы уый рамбылдта дагестайнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Гаджи Нуровы 13:10 хыгъдӕй.
Ирон спортсменӕн уый фыццаг майдан нӕу Уӕрӕсейы чемпионатты. Ивгъуыд аз Годжысаты Георгий рамбылдта бронзӕйон майдан бӕстӕйы чемпионаты 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0