Хуссар Иры делегаци хайад исы Абхазаг медицинон форумы

© Sputnik / Томас ТхайцукХуссар Иры делегаци хайад исы Абхазаг медицинон форумы
Хуссар Иры делегаци хайад исы Абхазаг медицинон форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Джыгкайты Томасы сæргълæудæй хайад исы II Абхазаг медицинон форумы.
Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Пухаты Алена æмæ министр æххуысгæнæг Цхуырбаты Геннадий.
"Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады ахсджиаг хæслæвæрд у сфидар кæнын æмархайд æвзонг специалистты æхсæн", - загъта Джыгкайты Томас Аслан Бжанияимæ фембæлды рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Абхазаг медицинон форум фенын кæндзæн фарсытæн, кæцы здæхтыты гæнæн ис æмгуыстад кæнын.
Форум уагъд цæудзæн Сухумы 22-23 апрелы. Форумы куысты хайад исынц цыппар паддзахады æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты сæргълæуджытæ – Уæрæсе, Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Днестыргæроны.
Ног хабӕртты лентӕ
0