Хуссар Ир банысан кӕндзӕн Уӕлахизы бон фондз концертӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanУӕлахизы бон Цхинвалы
Уӕлахизы бон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 79 азы сӕххӕсты бонӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн фондз концерты хицӕн фӕзуӕтты, фехъусын кодтой культурӕйы министрады пресс-службӕйы.
"Фыццаг концерт "Поклонимся великим тем годам" ацӕудзӕн 7 майы паддзахадон драмон театры бӕстыхайы, йӕ фӕстӕ бон та ам уыдзӕн дыккаг концерт "Творческий проект на языке музыки", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.
Министрады ма бафтыдтой, бӕрӕгбоны бон, 9 майы Цхинвалы ӕртӕ бынаты ацӕудзӕн концерттӕ. Уыдон сты паддзахадон университеты, киноконцертон зал "Чермен"-ы ӕмӕ Цхинвалы кафетӕй иуы сӕрдыгон фӕзуаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0