Цхинвал дидин калдзӕн: столицӕйы сфӕлынддзӕн цыппар мин петуняйы

© Sputnik / Фатима Плиевастолицӕйы сфӕлынддзӕн цыппар мин петуняйы
столицӕйы сфӕлынддзӕн цыппар мин петуняйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕты администрацийы Зӕлдфӕлындӕн фӕткдаруат садзынц Хуссар Ирыстоны столицӕйы иуазон дидинджытӕ. Фӕткдаруаты хистӕр Пӕррӕстаты Иринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, улӕфӕн зонӕты ныссагътой дыууӕ мин быны.
"Ӕдӕппӕт Цхинвалы улӕфӕн зонӕтӕ ӕмӕ егъау алвӕндӕгты газонтӕ сфӕлынддзӕн цыппар мин дидины. Куысты гуырахстӕн йӕ ӕмбис фӕцис - дыууӕ мин дидины сагъд ӕрцыд Къостайы скверы ӕмӕ Ногдзауты парчы", - загъта уый.
Уый ма банысан кодта, дидинджытӕй ма сфӕлынддзысты Ӕнусон арты цур Кады Аллей ӕмӕ столицӕйы ӕндӕр къуымтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0