Транскамы сног кодтой фӕндагон змӕлд, фӕлӕ трассӕйыл нырма ис дуртӕ

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы сног кодтой фӕндагон змӕлд, фӕлӕ трассӕ ӕхсӕвмӕ кӕронмӕ нӕ расыгъдӕг кодтой дуртӕй, хъусын кӕнынц цӕстӕйфенджытӕ.
Транскам сӕхгӕдтой цыппӕрӕмы изӕры дурты ӕркалды тыххӕй. Фӕндагон змӕлд сног кодтой майрӕмбоны райсом.
"Фӕндагыл ис дуркалд Ручъы тоннелы дыууӕ фарс дӕр. Трассӕ нырма кӕронмӕ нӕ расыгъдӕг кодтой. Кӕцыдӕр фадгуытыл уыййас дуртӕ ӕркалд, ӕмӕ шофыртӕ сӕхӕдӕг расыгъдӕг кӕнынц фӕндаг", - радзырдта шофыртӕй сӕ иу.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0