Транскам гом у: Цæгат æмæ Хуссар Иры фæндагон службæтæ кусынц трассæ сыгъдæг кæныныл

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 май - Sputnik, Плиты Фатимæ. Транскавказаг автомагистралы цæгаттаг порталы уары хуылыдз мит, хуссар фарс та – къæвда, афтæ ма трассæйыл ис дуркалд. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодтой Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
"Цæгаттаг порталы уары мит, хуссар фарс та – къæвда. Афтæ ма тоннелы дыууæ фарс дæр ис дуркалд", - загътой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, трассæйыл кусынц дыууæ республикæйы фæндагон службæтæ, цæмæй фæндаг ссыгъдæг кæной дуркалды фæстиуджытæй.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0