Транскам гом у фæндагон змæлдæн

© Sputnik / Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.05.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik. Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режимы æнæ арæнæвæрдтæй.
Трассæ рæстæгмæ сæхгæдтой автотранспорты змæлдæн дыццæджы 20.30 сахатыл æдас змæлд сæххæст кæныны фадат кæй нæ уыд, уый тыххæй.
"Транскавказаг автомагистраль 8 майы 07.00 сахатæй фæстæмæ кусы штатон режимы æнæ арæнæвæрдтæй. Дуркалды тæссагдзинады тыххæй Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ сиды фæндагон змæлды хайадисджытæм, цæмæй хъавгæ цыд кæной трассæйыл", - дзырдæуы министрады хъусинаджы.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0