Америкæйаг "ирон чындз"

© Семейный архивАмерикæйаг Обри Мишель
Америкæйаг Обри Мишель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ уарзæгой уды историмæ ныр цалдæр къуыри йæ хъус дары æппæт Ирыстон. Ацы бонты рабæрæг, Обри цæттæ кæй у америкæйаг æмбæстагадæн "нæ" зæгъын, уымæн æмæ фæнд кӕны Уæрæсейы баззайын æмæ ирон чындз суæвын, фæлæ йæм æнхъæлмæ кæсы бæстæйæ феддæдуар кæнын.

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Америкæйаг Обри Мишель Аллен Пенсильванийæ, бындурон америкæйаг, чероки знæм индейагы чызг, нæ сафы йæ ныфс, кæй æрцæудзæн диссаг æмæ амондджын цард кæй скæндзæн Цæгат Иры Мæздæджы районы хъæу "Виноградное"-йы. Чызджы фæнды ам баззайын, куыд бынæттон цæрæг Хацырты Аланы законон цардæмбал, афтæ.

Дыууæ уарзæгой уды историмæ ныр цалдæр къуыри йæ хъус дары æппæт Ирыстон. Æрыгон адæм базонгæ сты интернеты руаджы, америкъæйаг чызджы æнкъарæнтæ афтæ тыхджын разындысты, æмæ уый сарæзта туристон визæ æмæ ратахт Атлантикæйы сæрты.

Мӕздӕджы районы Хацырты бинонтæн ис хуымæтæг хæдзар, кæцы тынг бахъыгдард æрцыд фарон æрдзы азарæй, домы цалцæг. Хæдзары куыстытӕ сты бирӕ — дарынц хъуццытæ, хæдзарон мæргътæ. Диссаг у, фæлæ хæдзаронты ныхæстæм гæсгæ, америкæйаг чызг фыццаг боны бахызт бинонты царды, райдыдта æххуыс кæнын æмæ йæхи дардта, куыд æцæг "ирон чындз" — хæдæфсæрм, худгæбыл, куыстуарзон. Бинонтæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой чындзæхсæвмæ.

Фæлæ нæдæр Обри Аланимæ, нæдæр хистæр Хацыртæй исчи райста хыгъдмæ, Мæздæджы район, Цæгат Ирыстоны районтæй бирæтау, кæй у фæсарæйнаг æмбæстæгтæн режимон уæвынады территори. Ома йе ‘рцыды размæ, Обри кæнæ химæисгæ фарс хъуамæ развæлгъау фехъусын кодтаиккой йе ‘рцыды тыххæй Æдасдзинады федералон службæмæ (ÆФС). Уый арæзт не рцыд. Фæлæ Хацырты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Обри куы рцыд, уæд йæхи срегистраци кодта Федералон миграцион службæйы управленийы (ФМСУ) Мæздæджы хайады æмæ ма ныхас кодта ÆФС-йы кусæгимæ дæр.

"Уый ӕрцыд 31 январы, уыд хуыцаубон æмæ ФМСУ-йы ничи уыд. Къуырисæры, 1 февралы мах бацыдыстæм æмæ нӕ бафæдзæхстой, æнæ ФÆС-ы барлæвæрдæй нæ кæй нæ срегистраци кæндзысты. ФÆС-ы кусæг дæр уым уыд, мах аныхас кодтам йемæ ФМСУ-йы, уый фæстæ та нын ныхас уыд ФÆС-ы. Ницы рагфæдзæхст нæ бакодтой", — дзуры Алан.

© Личный архив Обри Обри Мишель æмæ Хацырты Алан
Алан Хачиров и Обри Мишель Аллен. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Обри Мишель æмæ Хацырты Алан

Уый фæстæ рабæрæг, Обрийы, куыд америкæйаг æмбæстаджы, нæй бар Виноградноейы срегистраци кæнын. Хацыртæ йæ, ивар бафидыны фæстæ, срегистраци кодтой сæ хæстæджытæм Ногиры хъæуы. Регистраци ацыд æнтыстджынæй, фæлæ та чысыл рæстæджы фæстæ рабæрæг, чызг та ногæй кæй фехæлдта УФ-йы закон, уымæн æмæ Цæгат Ирыстоны горæтгæрон район дæр фæсарæйнаг æмбæстæгтæн кæй у регламентон. Кæд чызг æмæ йæ ног хæстæджыты архайдыдтæ бамбарæн ис барадон фарстыты хуымæтæг æнæзонындзинадæй, уæд сæрмагонд службæтæ æмæ ведомствæты архайдтытæ бамбарын та зын у.

Ныртæккæ Обри ис фæсарæйнаг æмбæстæгты рæстæгмæ дарæн центры. Тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, чызджы хъуамæ феддæдуар кæной Уæрæсейæ бæстæйы территорийыл уæвынады режим халыны аххосагмæ гæсгæ. Уæд уымæн Виноградноемæ æрцæуыны фадат уыдзæн æрмæстдæр фондз азы фæстæ. Хацыртæ аразынц æппæтдæр, цæмæй Обри баззайа Ирыстоны. Аланы ныхæстæм гæсгæ, чындзæхсæвы æхцатæ иууылдæр ацыдысты барадон хæрдзтыл.

"Ныридæгæн ныл уыд фондз тæрхондонон рабадты, уыимæ иумæ та мах нæхи цæттæ кодтам чындзæхсæвмæ, хъавыдыстæм ЗАГС-мæ куырдиат бадæттын, балхæдтам къухдарæнтæ. Ныр мах агурæм барадон бындуртæ, цæмæй Обрийы бахизæм депортацийæ. Документты мах ссардтам бирæ цухдзинæдтæ æмæ рæдыдтытæ. Зæгъæм, уыдон фыссынц, ома Обрийы срегистраци кодтой 29 январы. Афтæмæй та Виноградноемæ уый æрхæццæ æрмæстдæр 31 январы", — дзуры Алан.

Ацы бонты райхъуыст, Обри кæй у цæттæ йæ америкæйаг æмбæстагадæн "нæ" зæгъын, уымæн æмæ йæ фæнды Уæрæсейы баззайын. Æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ФМСУ, ÆФС æмæ Мидхъуыддӕгты минситрад разы не сты комментаритæ раттын, цæй фæстиуæгæн журналисттæн нæй фадат уавæр кæронмæ сбæлвырд кæнынӕн. Хъæуы цæрджытæ, сыхæгтæ æмæ хæстæджыты мæты бафтыдта уарзæтты хъысмæт, кæцытæ бахаудысты паддзахадон машинæйы куыройыфыды æмæ сæ ис ныфс, кæй сæ бамбардзысты. Уарзæтты та диссагæй дарддæр ницæмæй уал ис ныфс.

Ног хабӕртты лентӕ
0