Цӕгат Иры ӕрцахстой полицийы кусӕджы хӕцӕнгарз уӕй кӕныны тыххӕй

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæИзъятое оружие и боеприпасы
Изъятое оружие и боеприпасы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полицийы кусӕг йӕ ӕмархайджытимӕ фӕлвӕрдтой ауӕй кӕнын оперативон кусӕгӕн Калашниковы автоматтӕ, нӕмгуытӕ ӕмӕ гранатӕтӕ, дзырдӕуы хъуыддаджы ӕрмӕджыты.

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой полицийы кусӕг ӕмӕ йӕ ӕмархайӕджы, кӕцыты азымджын кӕнынц хӕцӕнгарз уӕй кӕныны хъуыддаджы, хъусын кӕны РИА Новости.

Коллекцион Маузер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры тыхон структурӕтӕ ӕрцахсты рӕстӕджы байстой коллекцион "Маузер"

"Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2016 азы 14 ноябрӕй 2017 азы 19 январьмӕ азымгондтӕ Мидхъуыддӕгты министрады Мӕздӕджы районы хайады хъахъхъӕнынад ӕмӕ цӕстдарды посты цур ауӕй кодтой оперативон-агурӕн мадзӕлтты хайадисӕгӕн, кӕцы уыд ӕлхӕнӕджы хуызы, хӕцӕнгӕрзтӕ — дыууӕ гранатӕ, дыууӕ рӕмудзӕны, ӕртӕ автоматы АК-74 ӕмӕ 738 нӕмыджы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Азымгондты ӕрцахстой оперативон-агурӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты, кӕцытӕ уагътой регионалон ӔФСУ ӕмӕ МХМ кусджытӕ.

Ведомствӕйы зонӕнтӕм гӕсгӕ, слестгӕнӕн органты куыдиатмӕ гӕсгӕ тӕрхондон уыдонӕн аскъуыддзаг кодта ахӕсты бакӕнын.

"Патрулон-постон службӕйы кусӕг ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы азым кӕнынц хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты ӕнӕзаконон зилдухы хъуыддаджы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕхсӕз азы онг ахӕсты баконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0