Эксперттæ: барастгæнинæгтæ аиуварс кæндзысты президенттæм дызæрдыггаг кандидатты

© Sputnik / Пресс-служба президента и правительства РЮОРХИ парламенты агъуыст
РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг экспертты хъуыдымæ гæсгæ, регистрацийы ног уагæвæрд æмæ кандидатты лæмбынæг басгæрст нæ ратдзысты фадат дызæрдыггаг кандидаттæн президентон постмæ цæуын.

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны централон æвзарæн (Ц Ӕ К) къамис бахаста фæндон, цæмæй парламент бахæсса барастгæнинæгтæ президентон æвзæрстыты фæдыл законмæ, æмбæстæгты æвзарæн барты гарантиты фæдыл законмæ æмæ референдумы хайад исыны хъуыддаджы сæ барты тыххæй. Кæд ЦÆК цы барастгæнинæгтæ раразмæ кодта, уыдон парламент банымайа хорзыл, уæд фæкарздæр уыдзысты кандидаттæм домæнтæ, ЦӔ К-ы æххæстбартæ та фæфылдæр уыдзысты.

Уымæй дарддæр ма, президенты бынатмæ кандидаты регистрацийы тыххæй йæ инициативон къорд хъуамæ æрæмбырд кæна фондз мин къухфысты — раздæр хъуыд æрмæстдæр иу мин къухфысты.

РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Политикон партиты тыххӕй закъонмӕ барастгӕнинӕгтӕ бацыдысты сӕ тыхы

Закондæттынады фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Коцты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, ацы барастгæнинæгтæ аиуварс кæндзысты ахæм цухдзинæдтæ, куыд афтæ хуыйнæг "биноныгдзинады цензы " пунктмæ хауæг фарстытæ.

Коцты Олеся банысан кодта, фондз мин къухфысты нымæц нырма кæй нæу æлхынцъон æмæ ис гæнæн æмæ аивд æрцæуа.

Уый банысан кодта, ЦÆК-ы хъæппæрисмæ гæсгæ, президенты бынатмæ кандидат хъуамæ æрбавдиса бæстон информаци йæ иудадзыг цæрæнбынаты тыххæй, æфтиаг æмæ хæрдзты тыххæй йæхи æмæ йæ бинонты уæнгты алкæй тыххæй дæр фæстаг æртæ азы мидæг. ЦÆК-мæ бавдыст информаци сгæрст цæудзæн лæмбынæгæй.

Республикӕйы эксперттӕ дӕр нымайынц, æвзарæн законмæ Централон æвзарæн камисы цы ивындзинæдтæ фæнды бахæссын, уыдон кӕй сты актуалон. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, президенты банатмæ кандидаттæм бирæнымæц домæнтæ аиуварс кæндзысты дызæрдыггаг репутациимæ адæмы, кæцытæ хъавынц паддзахады фыццаг гоймаджы бынат бацахсын.

Ног хабӕртты лентӕ
0