Виталий Чуркинӕн Хуссар Иры радтой Уацамонгӕйы орден йӕ амӕлӕты фӕстӕ

© AP Photo / Seth WenigВиталий Чуркин
Виталий Чуркин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бафыста указ Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркинӕн уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх раттыны фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркин йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх — Орден Уацамонгæйæ. Уый тыххæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ РХИ Хъахъхъæнынады министрады сæвзæрды боны фæдыл цытджын рабадты рæстæджы фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид.

Виталий Чуркин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы гӕнӕн ис ӕмӕ фӕзына Виталий Чуркины уынг

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, "йе стыр лæггæдты тыххæй нæ паддзахад æмæ нæ адæмы раз знон кӕй бафыста барамынд Виталий Иваны фырт Чуркины йæ амæлæты фæстæ орден Уацамонгæйæ схорзæхджын кæныны фӕдыл".

"Уый фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ куыста нæ сæрибардзинады оххыл, дунейы æмæхсæнадмæ хъусын кодта рæстдзинад Хуссар Ирыстоны 2008 азы цауты фæдыл", — банысан кодта президент.

Зынгӕ уӕрӕсейаг дипломат йӕ цардӕй ахицӕн йӕ куысты уӕлхъус 20 февралы, йӕ 65 азы юбилейӕ иу бон раздӕр. Виталий Чуркин дипломатон куыст кодта 1974 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй уыд Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы. Хорзӕхджын уыд Кады орден ӕмӕ IV къӕпхӕны орден "За заслуги перед Отечеством"-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0