Париж фенын æмæ рамбулын: æртæ ирон богалы стох кæндзысты дунейы чемпионаты

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уалыты Владислав, Цæболты Хетæг æмæ Гогаты Алан тох кæндзысты Парижы цæуæг дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты чемпионаты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Тедеты Дзамболат фæхъусын кодта, бæстæйы спортивон кад цы хъæбысхæцджытæ хъахъхъæндзысты, уыдон номхыгъд. Се ʻхсæн ирон богалтæ Уалыты Владислав, Цæболты Хетæг æмæ Гогаты Алан, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Дунейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цӕудзӕн Парижы 25-26 августы.

"Стъалытæ нæм нæй, махмæ æрмæстдæр уæлахиздзаутæ ис, стъалытæ та сты эстрадæйы. Иууылдæр сты хорз спортивон формæйы. Сбортæ ауагътам æртæ этапæй. Се 'ппæтмæ дæр æнхъæлмæ кæсæм сыгъзæрин майдантæм, науæд дунейы чемпионатмæ нæ цæуиккой. Мах цæуæм сыгъзæрин майдантæм. Уым та Хуыцау цы зæгъа, афтæ уыдзæн", — хъусын кæны телеуынынад Тедеты Дзамболаты ныхæстæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, стыр конкуренци уыд æмбырдгонды – ног скондмæ ахызт Риойы триумфатортæй æрмæстдæр иу — Абдулрашид Садулаев.

Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дунейы чемпионат: Иры богалтӕ хъахъхъӕндзысты авд бӕстӕйы кад

Олимпиадæйы сæйраг хъайтар Рæмонаты Сослан уæззау травмæйы фæстæ нырма дæр фидар кæны йе 'нæниздзинад.

Уымæй дарддæр ма, ирон богалтӕ сты Украина, Словаки, Азербайджан, Сомихстон, Беларусь ӕмӕ Испанийы ӕмбырдгӕндты сконды. Иууыл стырдӕр уӕзы (125) архайдзысты дыууӕ ирон богалы Зассеты Ален ӕмӕ Гаглойты Сослан, уыдон раразмӕгонд æрцыдысты Украина ӕмӕ Словакийӕ. Словакийы спортивон кад 86 кг уӕзы дӕр хъахъхъӕндзӕн ирон богал — Макъоты Борис. Дунейон ерысты гауызмӕ рахиздзысты дыууӕ ирон хъӕбысхӕцӕг Азербайджаны номӕй — Гоститы Александр ӕмӕ Ӕлборты Асланбег. Кетойты Георгий архайдзӕн Сомихстоны номӕй, Колыты Георгий та Беларусы. Фриты Таймураз та раздӕрау хъахъхъӕндзӕн Испанийы спортивон кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0