Цхинвайлаг гимнасткæтæ архайдзысты Цæгат Иры номæй уæрæсейаг ерысты

© Sputnik / Наталья АйриянГимнастикӕ
Гимнастикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Эстетикон гимнастикӕйӕ Хуссар Ирыстоны командӕ "Ир-Олимп" уæрæсейаг ерысты ралæудзæн фидæнмæ

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Эстетикон гимнастикӕйӕ цхинвайлаг командӕ "Ир-Олимп" хъахъхъӕндзӕн Цӕгат Ирыстоны спортивон кад уӕрӕсейаг ерысты, фехъусын кодта Sputnik Цӕгат Ирыстон-Аланийы эстетикон гимнастикӕйы федерацийы президент Елена Чухлебова.

Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæбæрӕг сты Ирыстоны тыхджындæр гимнасткæтæ

Эстетикон гимнастикӕйӕ Цӕгат Ирыстонæн командæ ис ӕрмæстдӕр Мӕздӕджы, фӕлӕ уым дӕр хистӕр кары командӕ нӕй, уымӕ гӕсгӕ Хуссар федералон зылды ерысты Цӕгат Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзæн цхинвайлаг къорд.

"Ныридӕгӕн уадзӕм бадзырдтӕ, цӕмӕй ацы къордимӕ ноджы бакусӕм ӕмӕ уый Цӕгат Ирыстоны номӕй архайа уæрӕсейаг ерысты. Фылдӕр бӕрцӕй чызджытӕ сты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ, фӕлӕ ма цы хъӕуы саразын, уыцы фарстӕ алыг кӕндзыстӕм ӕмӕ февралы хъуамæ чызджытӕ рахизой ХФЗ ерысты гауызмӕ Цӕгат Ирыстоны номӕй", — загъта Елена Чухлебова.

Уый ма радзырдта, фидæны сæ кæй фæнды саразын Цхинвалæй Ирыстоны гимнастикæйыл хæст чызджыты цæттæгæнæн бынат.

"Спорты галуан "Олимп"-ы ис иттæг хорз фадæттæ æвзонг гимнасткæтæн цæттæ кæнынæн. Мах фæнды ам уадзын Ирыстоны гимнасткæтæн æдзухон сбортæ", — бафтыдта йæ нæхæстæм уый.

Спорты галуан "Олимп" арӕзт фӕцис 2015 азы. Арӕзтад цыд зындгонд уæрæсейаг гимнасткæ Алина Кабаевайы хӕрзаудӕн фонд "Спорт за мир"-йы хӕрдзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0