Эксперт: Хуссар Иры хæдбардзинад Китай нæ нымайы сæ бæстæйы æнæхъæндзинады фехалыны тасæй

© Flickr / Miquel Lleixà MoraКитай, Пекин
Китай, Пекин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, Китайы къухдариуæгад æмæ йæ коммунистон парти цы мидæггæгон политикæ уадзы, уый здæхт у "сепаратистон" зондахасты ныхмæ

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Китай нæ банымайдзæн сæ бæстæйы æнгæс процестæ сызмæлын кæныны тасæй, радзырдта Sputnik уæрæсейаг-китайаг аналитикон центры президент, эксперт Санахъоты Сергей.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы банымадта Уæрæсейы Федераци, уый фæстæ ма йæм бамбал ис ноджы цыппар бæстæйы.

"Китайы къухдариуæгад æмæ йæ коммунистон парти цы мидæггæгон политикæ уадзы, уый здæхт у "сепаратистон" зондахасты ныхмæ. Уыдон Хуссар Ирыстоны банымайыны позицийы ʻвварс куы рахæцой, уæд сæхи бæстæйы дæр райдайдзысты ацы процестæ. Уый тыххæй хæдбардзинады æмæ рахицæн кæныны фарс нæ хæцынц, цæмæй дунейы бæстæтæ дæр Китайæн йæхимидæг æнгæс змæлдты фарс ма балæууой", — нымайы Санахъоты Сергей.

Уый ма банысан кодта, Китайæн ис фидар позици æмæ нæ банымайдзæн нæдæр Хуссар Ирыстон, нæдæр Каталони, Косово, Арцах, Абхаз æмæ Курдистаны хæдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0