Цхинвайлаг ахæстонæй рæстæгмæдарæн изолятормæ: æрбацæуæгмæ ссардтой гæн

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы рæстмæгæнæн колони
Цхинвалы рæстмæгæнæн колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цæрæджы рацахстой ахæстæттæн гæн бахæссыны бафæлвæрдыл, уый фæстиуæгæн æрыгон лæппу баконд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы рæстмæгæнæн колонийы кусджытæ ссардтой сæ уагдонмæ æрбацæуджытæй иумæ гæн, фехъусын кодтой Sputnik МХМ-ы пресс-службæйы.

Ведомствæйы банысан кодтой, наркотикон буарад кæй разынд Цхинвалы 20-аздзыд цæрæгмæ.

"Мидхъуыддæгты министрады радгæсон хайадмæ 20 октябры бацыд хъусынгæнинаг, рæстмæгæнæн колонийы рахизæны Цхинвалы 20-аздзыд цæрæгмæ кæй ссардæуыд æмæ байстæуыд 13,7 граммы гæн", — загътой пресс-службæйы.

МХМ-ы бафтыдтой, аххосджын баконд кæй æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы.

Ног хабӕртты лентӕ
0