АИШ скритикӕ кодта Хуссар Иры Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕнд

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæАИШ тырыса
АИШ тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон департамент нӕ нымайы Хуссар Ирыстоны фӕндтӕ суверенитет райсыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Америкӕйы иугонд штатты ӕппӕрццаг аргъ скодтой Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныны тыххӕй 2017 азы референдум ауадзыны уынаффӕйӕн.

"Мах стӕм Гуырдзыстоны территориалон ӕнӕхъӕндзинад ӕмӕ суверитеты фарс. Ӕмӕ уырдӕм хауы Хуссар Ирыстон дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах нӕ нымайӕм Хуссар Ирыстоны фӕндтӕ суверенитет райсыны тыххӕй", — загъта паддзахадон департаменты официалон минӕвар Марк Тонер.

Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Фæдерацийы скондмæ бацæуыны фарсты фæдыл референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы, æмбæлон куырдиат бафыстой цыппæрæмы президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0