Гæздæнты æфсымæртæй иуы ингæн ссардтой Ригæйы

© Sputnik / Яков Берлинер /  Ахизын медиабанкмæГӕздӕнты авд ӕфсымӕрӕн цырт Цӕгат Ирыстоны
Гӕздӕнты авд ӕфсымӕрӕн цырт Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æфсымæрон ингæны Ригæйы цур разынд ныгæд Гæздæнты Шамиль – легендарон æфсымæртæй иу, кæцытæ бабын сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Болататы Алина. Ригæйы цур ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты заманы æфсымæрон ингæн, цы ран ныгæд ис Гæздæнты æфсымæртæй иу, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны националон ахастыты фарстыты фæдыл министр Цуциты Аслан.

Ссардтой сæ дадайы ингæн Уæлахизы 70-æм азы

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсымæрон ингæны разынд Гæздæнты Шамиль. Хиуæттæ нымадтой, зæгъгæ, уый фæмард Берлинмæ æввахс. Цуциты Аслан бамбарын кодта, Ирыстонæй нырма кæй ничи бабæрæг кодта легендарон æфсымæртæй иуы ингæн æмæ йын не ссардта йæ рухс ном.

"Документты уый фыст Гæздæнтæй нæу, фæлæ Гоздæнтæй. Йæ ном æмæ фыды номæй сбæлвырд кодтой, уый кæй у. Уым нырма ничи уыд Ирыстонæй, ничи æрбахаста дидинтæ уæлмæрдмæ", — радзырдта министр.

Гæздæнты авд æфсымæры — Дзуарыхъæуæй рацæугæтæ — фæмард сты æндæр æмæ æндæр рæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты. Сæ мад — Гæздæнты Тасо — амард æртыккаг æфсымæры мæлæты хабар райхъуысты фæстæ. Сæ райгуырæн хъæуы сын ис æвæрд цырт, цы ран æвдыст ис хъынцъымгæнæг мад æмæ авд хърихъуппы, кæцытæ нысан кæнынц йæ авд фырты.

Ног хабӕртты лентӕ
0