Ирыстойнаг богалтæ рамбылдтой æртæ майданы дунейы чемпионаты

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæВольная борьба
Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы фæсивæдон фыццагады уæгъдибар хъæбысхæстæй Байты Давид, Найфонты Артур æмæ Къозонты Зауыр рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу бронзæйон майданы.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионаты ирон богалты къухты бафтыд æртæ майданы, хъусын кæны Ossetia News.

Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан UWW-ы рейтингы схызт фыццаг бынатмӕ

Байты Давид ссис иууыл тыхджындæр 66 кг уæзы категорийы. Сыгъзæриныл тохы уый фæуæлахиз америкæйаг спортсмен Риан Дикиныл. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ирон богал йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр кæй рамбылдта æмгъуыдæй раздæр.

Ноджы ма иу сыгъзæрин майдан 84 кг уæзы категорийы рамбылдта Найфонты Артур. Финалы ирон богалы ныхмæлæууæг уыд Захид Валенсия АИШ-æй. Карз тохы фæстиуæгæн Артур фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл æмæ ссис чемпион.

Ирон спортсмен Къозонты Зауыр райста бронзæ майдан 120 кг уæзы категорийы. Финалы Зауыр рамбылдта гуырдзиаг спортсмен Зурико Урташвилийы 4:2 хыгъдæй.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионат юниорты æхсæн уагъд цыд горæт Тамперейы (Финлянди).

Ног хабӕртты лентӕ
0