Ног чемпион: Дойаты Герман рамбылдта дунейон ерыстæ ромаг-бердзенаг хъæбысхæстæй

Рафыссын
Ирон богал дунейон ерысты фæсивæды хсæн йæ тохтæ балхынцъ кодта 32:5 иумæйаг хыгъдæй

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Грецийы сæйраг горæты уагъд цæуæг фæсивæды хсæн ромаг-бердзенаг хъæбысхæстæй дунейы чемпионаты ирон богал Дойаты Герман бацахста фыццаг бынат, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Сослан цыппæрæм хатт ссис дунейы чемпион армспортæй

Министрады пресс-службæйы банысан кодтой, Герман йæ тохтæ кæй балхынцъ кодта 32:5 иумæйаг хыгъдæй.

Финалы 1/8 хайы уый басаста киргизиаг богал Баил Сатиевы 8:0 хыгъдæй. Ахæм бæрæггæнæнтимæ аскъуыддзаг ис йæ радон тох Мигель Агуларовимæ (Мексика) дæр. Æрдæгфиналы ирон богал басаста гуырдзиаг хъæбысхæцæг Бек Гурулийы, тох аскъуыддзаг 9:0 хыгъдæй ирон богалы пайдайæн.

Сыгъзæрин майданыл тох цыд Дойаты Герман æмæ казахстанаг Нурсултан Базарбаевы хсæн. Ирон богал разынд тыхджындæр йæ ныхмæлæууæгæй æмæ 7:5 хыгъдæй ссис дунейон ерысты уæлахиздзау.

Ирон хъæбысхæцæг ссис уæлахиздзау ранæуæггонд регламентмæ гæсгæ – дыууæ боны дæргъы ерысты, æрвылрайсом сæхи баргæйæ.

Чемпионы тренертæ сты – Дзакаты Аслан æмæ Гаглойты Вахтанг.

Ног хабӕртты лентӕ
0