Президент: тубдиспансер цæрджыты æнæниздзинадæн ницы тас у

© Sputnik / Анна ГогичеваАнатолий Бибилов на встрече с жителями города
Анатолий Бибилов на встрече с жителями города - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæргъиты Ацæмæзы уынджы цæрджытæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолиймæ, цæмæй ахæссын кæна рæуджыты низы ныхмæ диспансеры æндæр бынатмæ

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд Мæргъиты Ацæмæзы(раздæры Кутузовы) уынджы цæрджытимæ, кæцытæ уымæй размæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ низы ныхмæ диспансеры æндæр бынатмæ ахæссыны фæдыл.

100 дней Анатолия Бибилова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент сфидар кодта цæрджыты райсты бонтæ

Цæрджытæ æнхъарынц сæ цуры тубдиспансеры арæзтад ма сног кæнын, фæлæ йæ саразын Цхинвалы цæгаттаг хайы, цы ран арæзт цæуынц бæстыхæйттæ онкорынчынтæ æмæ психдиспансерæн.

Ирæтты уынджы цæрæджы ныхæстæм гæсгæ, рынчынтæ иу арæх рахызтысты рынчыдонæй æддæмæ, цыдысты дуканитæм.

"Ацы уынгыл фылдæр бæрцæй ис хисæрмагонд хæдзæрттæ, цы ран цæрынц бирæ сабитæ. Уыдон рынчынтимæ иу ран вæййынц æмæ гæнæн ис фæрынчын ой, уымæн æмæ уый у хæцгæ низ", — дзуры сылгоймаг

Президент байхъуыста цæрджыты ныхæстæм æмæ сын фидарæй баныфсæвæрдта ног тубдиспансер цæрджытæн ницы зиан æрхæсдзæн.

Ӕдасдзинады советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: æдасдзинады совет хъуамæ куса эффективонæйдæр

"Ацы тубдиспансер ам ис 60-æм æзтæй фæстæмæ æмæ цæрæгады æнæниздзинадæн ницы тас у. Фæлæ мах райсдзыстæм уæлæмхас мадзæлттæ – сараздзыстæм æмбонд, æрнывыл кæндзыстæм уагдоны куыст, цæмæй рынчынтæ æддæмæ ма хизой. Фæстæдæр мах ссардзыстæм фæрæзтæ ног тубдиспансеры арæзтадæн", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма банысан кодта, тубдиспансеры аразын цы бынаты фæнд кодтой, уым арæзт æрцæудзæн медцентр, уырдæм акæндзысты зæрæдты хæдзар "Забота" æмæ онкологлон рынчынты

Фембæлды рæстæджы цæрджытæ радзырдтой паддзахады сæргълæууæгæн æндæр проблематы тыххæй дæр, се ʻхсæн фæндагон змæлды æмæ рухсыты проблемæтæ æмæ сабидæттæм радтæ.

Президент ныфс радта, бæстонæй кæй базонгæ уыдзæн фарстытимæ. Стæй ма банысан кодта 2018 азы ацы районы бавналдзысты сабидоны арæзтадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0