Еналдыты Мурат: куыд бабын ис Хъæды комбинат

© Sputnik / Наталья АйриянЕналдыты Мурик
Еналдыты Мурик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карджын лæг ссис йæ райгуырæн хъæу Мзиу æмæ Хъæды комбинаты райрæзты тæмæны æмæ бамынæджы æвдисæн - комбинаты æмæ хъæуы нæргæ цард ма аззадысты æрмæстдæр йæ мысинæгты

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг Еналдыты Мурат йӕ цардӕй 60 азы балӕвар кодта Хуссар Ирыстоны Хъæды комбинатӕн ӕмӕ ныр стыр катайы ис, кӕддӕры нӕргӕ куыстуат кӕй ӕрцыд раууатмӕ. Йӕ цӕрӕнбонты фылдӕр цы комбинаты арвыста, уый ӕдзӕллаг уавӕр уынгӕйӕ, Мурат стыр хъыгимӕ мысы, уæды автономон областы куыстуат кӕй уыд иууыл пайдаджындæр рауагъдад.

Еналдыты Мураты Цхинвалы хистӕр кары цӕрджытӕй стӕм чидӕртӕ нӕ зонынц. Йæ къухæй рацæугæ сынтæджытæ, бандæттæ, скъаппытæ æмæ æндæр хъæдын мигæнæнтӕ уыдысты алкæцы хæдзары дӕр, æрмдæснымæ ма хастой фæсарæнты ʻлхæд дзаумӕттӕ дӕр фидар æмæ рæсугъд кæнымæ.

"Ныр фæсарæнтæй ласынц алыгъуызон хæдзарон мигæнæн, фæлæ уӕд æгас Хуссар Иры ифтонг кодтам мах. Комбинаты ассортимент уыд 100 хуызы, йæ рауагъдӕн уый бæрц гуырахст уыд, æмæ нын бынæттон хъӕдӕрмӕг нæ фаг кодта. Мӕ хæдзары мигӕнӕнтӕ та иууылдæр рацыдысты мæхи къухæй — паркет, сынтæг, скъапп, бандæттæ — иудзырдæй, æппæт дæр", — дзуры Мурат.

© Sputnik / Из личного архиваЕналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус
Еналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Еналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус
© Sputnik / Из личного архиваЕналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус
Еналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Еналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус
1/2
Еналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус
2/2
Еналдыты Мурик йæ куысты уæлхъус

Уый ныр дӕр мысы йӕ куыстхъом коллективы ӕмӕ дзуры, ноджы сын бирæ кӕй бантыстаит саразын, фӕлдзӕуӕн рӕстӕг куыннӕ ныллӕуыдаи, уӕд.

"Хъæды комбинаты куыстам æрдæгминон коллективæй, уыдонӕй ма абон сæрæгас стæмтæ ис", — хъыг кӕны ацӕргӕ нӕлгоймаг.

Фӕлтӕрдджын ӕрмдӕсныйы куыстæн саргъ кодта бæстæйы разамынад, ис ын къорд паддзахадон гарамотӕйы ӕмӕ майданы,  йæхæдæг та иууыл сæйрагыл нымайы адæмы хорзæх.

© Sputnik / Наталья АйриянФӕлтӕрдджын ӕрмдӕсныйы куыстæн саргъ кодта бæстæйы разамынад
Мурик Еналдиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрдджын ӕрмдӕсныйы куыстæн саргъ кодта бæстæйы разамынад

Мурат йæ 87 азы кары дæр у фæсивæдæн бафæзминаг — йæ бон райдайы 5 сахатыл, ӕрзилы горæты цадыл. Уый фӕстӕ уæздан куырыхон лæг йæ цæст ахæссы периодикон мыхуырыл, йӕ къухты йын æппынæдзух фенӕн ис журнал "Фидиуæг" æмæ газет "Хурзæрин".

Хъӕды комбинатӕй дарддӕр ма уый тынг сагъӕс кӕны йӕ райгуырӕн хъӕу Мзиугомы уавӕрыл дӕр. Хъӕу, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сæдзæрæг ис æмæ "нæ кувӕндон, Хæстæг дзуармæ та къахвæд дæр нал ис".

"Рагæй нал уыдтæн ацы комы. Дзуарæн дæр ма кæд ардыгæй акувæм, уымæй дарддæр йæ бынмæ нал ссæуæм. Хъæууон цард зын уыд алкæддæр. Мзиугоммӕ раздӕр цыд æрмæстдæр бæхфæндаг, нæхимæ цы нæ уыд, уый хъуыд æргъомæй хæссын", — мысы йæ райгуырæн хъæуы цард Мурат.

Уæззау уавӕртӕм æнæкæсгæйæ, лæг мидбылхудтимæ дзуры йӕ зын, фӕлӕ амондджын сабион ӕмӕ ӕвзонджы бонтыл. Стыр бинонтæ цардысты мæгуыр, фæлæ хæларæй. Хæххон уавæрты хъомыл лæппу рацыд куыстауарзаг, фæразон æмæ фæлмæнзæрдæ.

"Иуӕндӕс азы мыл цыд, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст куы райдыта, уӕд. Уыдыстæм 12 сывӕллоны, æз сæ хистæр. Нымад уыдтӕн бинонты бындурыл. Лыстæг фос уыдысты мæ бæрны. Хур-иу йæ тæмæны куы бацыд, уæд фос ривæд кодтой, мæнæн та-иу рæстæг фæцис кæрдын æмæ æндæр хæдзарон куыстытæн", — радзырдта нӕлгоймаг.

Хӕсты фӕудмӕ Мурат дӕр бахъомыл ӕмӕ лӕппу йӕхи райста горӕтмӕ, бацыд хъӕды комбинатмӕ нырма ахуыргӕнинагӕй, стӕй та дзы райдыдта кусын. Ацы рæстæджы базонгæ йæ фидӕны цардæмбал Дзапарты Риммаимæ.

"Ӕвзонгæй Дзапарты хæдзармæ бахаудтæн. Ирон адæммæ уазæг алыхатт дæр кадджын уыд, æгъдау домдта уазæгæн йæ дзаума æмæ къахыдарæс асыгъдæг кӕнын. Ацы чызг мын ныиту кодта мæ хæлаф, ныхсадта мӕ дзабыртæ, уæд æм лыстæг æркастæн æмæ загътон, ай хæдзары кӕй сбæздзæн", — худы уый.

© Sputnik / Наталья АйриянЕналдыты Мурат йæ цардæмбал Дзапарты Риммаимæ
Мурик Еналдиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Еналдыты Мурат йæ цардæмбал Дзапарты Риммаимæ

Муратӕн ма кӕд комбинаты ӕнтыстытӕ æмæ йӕ хъæуы нæргæ цард аззадысты æрмæстдæр йæ мысинæгты, уӕддӕр райгонд у цардӕй. Ныр та йӕ цардӕмбалимӕ иумӕ цин кӕнынц сӕ хъӕбултӕ ӕмӕ уыдон хъӕбулты ӕнтыстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0