Хуссарирыстойнаг боксертӕ ӕрхастой цыппар сыгъзӕрины Пятигорскы ерыстӕй

Рафыссын
Пятигорскы турниры чемпионтӕ ссисты Бекъойты Инал, Хаситы Сослан, Мӕргъиты Игорь ӕмӕ Багаты Марат.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг боксертӕ ӕрхастой цыппар сыгъзӕрин майданы Пятигорскы ерыстӕй, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы фӕсивӕдон хъуыддӕгты, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы турниры хорзæхты æмбис рамбылдтой хуссарирыстойнаг спортсментӕ

Турнир нывонд уыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн. Хайад дзы райстой 200 спортсменӕй фылдӕр ӕппӕт Кавказӕй.

"Бӕрзонд конкуренцимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хуссарирыстойнаг боксертӕ, се ‘хсӕн дыууӕ дебютанты, сӕхи равдыстой иттӕг хорз", — загътой пресс-службӕйы.

Комитеты ма банысан кодтой, сыгъзӕрин майдантӕ кӕй рамбылдтой спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгӕнинӕгтӕ Бекъойты Инал, Хаситы Сослан, Мӕргъиты Игорь ӕмӕ Багаты Марат. Уыдон архайдтой 2005-2008 азты гуырд спортсменты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0