Тыбылты Леонид бакодта ноджы иу спортзал Цхинвалы

© Sputnik / Фатима ПлиеваТренажерный зал
Тренажерный зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортивон объект баконд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты райрӕзты концепци "Ӕнцонвадат спорт"-ы фӕлгӕтты.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Тыбылты Леонид хайад райста Цхинвалы Хъайтарты уынджы тренажерон залы ӕрбайгомы, хъусын кӕны РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Тренажерный зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид бакодта ног тренажерон зал Ногхъӕуы фӕсивӕдӕн

Программӕ "Ӕнцонвадат спорт"-ы фӕлгӕтты раздӕр баконд ӕрцыдысты цалдӕр залы Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ республикӕйы районты. Проект финансгонд цӕуы президентон фондӕй.

Тыбылты Леонид банысан кодта фӕсивӕды ӕнӕниниз ӕвдӕлон рӕстӕджы организацийы ахсджиагдзинад.

"Залы ис алы уавӕр дӕр ӕнӕаипп тренировкӕтӕн. Уый арӕзт ӕрцыд нӕ фӕсивӕдӕн, цӕмӕй сӕ сӕрибар рӕстӕг ӕрвитой ӕнӕниздзинадӕн пайдаимӕ. Фӕсивӕды минӕвӕрттӕ тренировкӕты фӕлтӕрддзинад дих кӕндзысты кӕстӕр фӕлтӕримӕ. Мах дӕр нӕхи ′рдыгӕй здахдзыстӕм ӕппӕт тыхтӕ нӕ республикӕйы спортивон инфраструктурӕйы райрӕзтмӕ", — загъта президент.

Уый бахӕс кодта цхинвайлаг администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Пухаты Дмитрийӕн сахуыр кӕнын раздӕры хъармгӕнӕн цы ран уыд, уый алыварс территорийы хӕрзарӕзтады фадӕттӕ сбӕлвырд кӕнын.Тыбылты Леонид дзырд радта, программӕ "Ӕнцонвадат спорт" кӕй адарддӕр уыдзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0