Хуссар Иры ацӕудзӕн хъӕбысхӕстӕй республикӕйы фыццагад

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæТурнир по вольной борьбе
Турнир по вольной борьбе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты архайдзысты æвзонг хъæбысхæцджытæ горæттæ Цхинвал æмæ Къуаисайæ, стæй ма Дзауы æмæ Ленингоры районтæй.

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æрыгон богалтæ сæ тыхтæ бавзардзысты республикæйы фыццагады уæгъдибар хъæбысхæстæй, фехъусын кодта Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Борец Сослан Рамонов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан UWW-йы рейтингы схызт фыццаг бынатмæ

Ерысты архайдзысты æвзонг хъæбысхæцджытæ горæттæ Цхинвал æмæ Къуаисайæ, стæй ма Дзауы æмæ Ленингоры районтæй.

"Ӕвзонг хъæбысхæцджытæ тох кæндзысты дыууæ уæзы — хистæр æмæ кæстæр. Уыдон дих æрцæудзысты 22 уæзы категорийыл. Турнир цæудзæн Цхинвалы сывæллæтты æмæ фæсивæды спортивон скъолайы 11 марты. Бон размæ богалтӕн ацæудзæн барыны церемони", — загъта уагдоны пресс-секретарь.

Уый ма банысан кодта, ерыстӕ кӕй рæбæрæг кæндзысты иууыл фидардæр хъæбысхæцджыты, кæцытæ дарддæр архайдзысты æхсæнадæмон турнирты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццагад уæгъдибар хъæбысхæстæй цæуы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты федерацийы хъæппæрисæй, афтӕ ма ахуырады министрады æмархайдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0