Хуссар Иры фыццагад рабæрæг кодта ӕнтыстджындӕр боксерты

© Sputnik / Плиты ФатимаБоксы турнир Цхинвалы
Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ боны дæргъы чемпионты номыл тох кодтой дæсгай æрыгон боксертæ, бирæтæ сӕ фыццаг хатт архайдтой республикон фыццагады

ЦХИНВАЛ, 31мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фыццагады боксӕй 38 ӕрыгон спортсмены хицæн уæзы ӕмӕ кары категориты ссисты уӕлахиздзаутӕ, загъта Sputnik спорты комитеты минæвар Бестауты Чермен.

Цхинвалы, спорты галуан "Олимп"-ы дыууæ боны дæргъы цыд Хуссар Иры фыццагад боксæй. Хайад дзы райстой сӕдӕйы онг спортсмены республикæйы алы къуымтӕй.

Аукцион Мурата Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты дыууæ спортивон хæдоны балхæдтой Хуссар Иры боксы музейæн

"Цыппæрæмы тох кодтой боксерты 20 къай, се ʻхсæн уыд куыд финалон, афтæ æрдæгфиналон тохтæ дæр. Абон уыдысты кæройнаг фембæлдтæ. Æдӕппæтæй фыццагад рабæрæг кодта 38 чемпионы. Уæлахиздзау чи не ʻссис, уыдон дæр райстой æнæмæнгхъæуæг фæлтæрддзинад", — радзырдта Бестауты Чермен.

Ерысты фæстиуæгæн фидар æрцæудзæн Хуссар Иры æмбырдгонд командӕ боксæй, командæмæ бацæудзысты уæлахиздзаутæ æмæ æнтыстджындæр боксертæ.

Республикæйы фыццагад уагъд цыд фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты хъæппæрисæй.

Æдӕппæтæй Хуссар Ирыстоны кусы боксы 15 тренеры. Фæсивæд цæттæ кæнынц цыппар боксы скъолайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0