Хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ ацæудзысты футболон турнирмæ Сочимæ

© Sputnik / Наталья АйриянӔвзонг футболистты турнир
Ӕвзонг футболистты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы скъола-интернаты футболон командæ афæндараст уыдзæн турнирмæ "Будущее зависит от тебя" горæт Сочимæ

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Футболон матч Цхинвалы рабæрæг кодта, Хуссар Ирыстоны кад чи хъахъхъæндзæн турнир "Будущее зависит от тебя"-йы радон этапыл горæт Сочийы.

Цхинвал æмæ Дзауы районы скъола-интернатты хъомылгæнинæгты æхсæн хъазты фæуæлахиз Дзауы командæ "Леуахи".

"Остелеком"-ы æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл специалист Бежанты Зæринæ куыд загъта Sputnik, афтæмæй хуссарирыстойнаг сывæллæттæ суыдзысты хæрзаудæн турниры хайадисджытæ ныр æхсæзæм хатт.

"Ацы проект нымад цæуы компани "Мегафон"-ы (ацы бренды бын кусы "Остелеком") хуыздæр социалон проекттæй иуыл. Уый ахсы сæрмагонд бынат нæ компанийы социалон политикæйы дæр, хайадисджытæ сывæллæтты хæдзæрттæй кæй сты, уый хынцгæйæ. Мах сарæзтам æппæтдæр ацы æвзæрстон хъазт ауадзынæн", — загъта Зæринæ.

© Sputnik / Наталья АйриянӔвзонг футболистты турнир
Ӕвзонг футболистты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Ӕвзонг футболистты турнир
© Sputnik / Наталья АйриянӔвзонг футболистты турнир
Ӕвзонг футболистты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Ӕвзонг футболистты турнир
© Sputnik / Наталья АйриянӔвзонг футболистты турнир
Ӕвзонг футболистты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Ӕвзонг футболистты турнир
1/3
Ӕвзонг футболистты турнир
2/3
Ӕвзонг футболистты турнир
3/3
Ӕвзонг футболистты турнир

Командæ-уæлахиздзау ацæудзæн финалон хъæзтытæм Сочимæ 24-28 майы. Уый фæстæ ма Мæскуыйы уагъд æрцæудзæн æхсæнадæмон этап дæр, кæцыйы уæлахиздзауты сæйраг приз суыдзæн балц Лондонмæ 5 боны æмгъуыдмæ.

"Уым уæлахиздзаутæ базонгæ уыдзысты футболон клуб "Арсенал"-имæ, уыдзæн сын фадат аныхас кæнын зындгонд клубы сæйраг тренер Арсен Венгеримæ æмæ ахъаздзысты хæларадон матч", — загъта Бежанты Зæринæ.

Проекты хайадисджытæ сты 14-15 азы кары.

"Мегафон"-æй дарддæр ма проекты сæйраг спонсортæ æмæ организатортæ сты хæрзаудæн фонд "Футбол детям", Уæрæсейаг футболон цæдис, УФ ахуырады министрад, УФ спорты министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0