Зæгъойты Алан бакодта "Локомотив"–æн гол æмæ ацыд фæзуатæй

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæАвтор гола игрок ПФК ЦСКА Алан Дзагоев
Автор гола игрок ПФК ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ӔЦСК футболисттæ ныддæрæн кодтой "Локомотив"-ы Уæрæсейы чемпионаты 25-æм туры фæлгæтты

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Мæскуыйаг ӔЦСК æмæ Уæрæсейы футболон æмбырдгонды æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Алан "Локомотив"-ы матчы райдайæны бакъуырдта пурти æмæ уый фæстæ ивд æрцыд, хъусын кæны агентство "Р-Спорт".

Игрок сборной России Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Алан бахауд УФ æмбырдгонды медиарейтингы топ-10-мæ

Зæгъойты Алан расгуыхт фембæлды 11-æм минутыл, фæлæ фондз минуты фæстæ футболист йæхæдæг бахатыд йæхи раивынмæ. Фæцæйцæугæйæ уый хæцыд йæ синыл.

Марты кæрон хæларадон фембæлды бельгийæгты ныхмæ ӔЦСК-йы æрдæгхъахъхъæнæг ныццавта йæ син. Уыцы фембæлды фæстæ уый ахъазыд æрмæстдæр иу матчы Уфайы командæимæ.

ӔЦСК —йæн 30 апрелы ахъаздзысты мæскуыйаг "Спартак"-мæ Уæрæсейы чемпионаты 26-æм раунды. Æртыццæджы хъазт аскъуыддзаг ис 4:0 хыгъдæй. Пуртитæ бакодтой Зæгъотй Алан, Витиньо, Александр Головин æмæ Бибрас Натхо. ӔЦСК рейтингон таблицæйы ис дыккаг бынаты 50 очкоимæ, уый рейтингы лидер "Спартак"-æн æбылд кæны 7 очко.

Ног хабӕртты лентӕ
0