Тедеты Дзамболат: Рæмонаты Сослан рауадздзæн дунейы чемпионат Парижы

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæТедеты Дзамболат æмæ Рæмонаты Сослан
Тедеты Дзамболат æмæ Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон богалæн сарæзтой операци менискыл, уымæ гæсгæ йæ ныфсытæ баст сты радон сезоныл

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы уæлахиздзау Рæмонаты Сослан операцийы аххосæй рауадздзæн дунейы чемпионат Парижы, фехъусын кодта Р-Спорт уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан UWW-ы рейтингы схызт фыццаг бынатмӕ

2016 азы Олимпиадæйы Сослан бацахста фыццаг бынат 65 кг онг уæзы категорийы. Ирон атлет ма у 2014 азы дунейы чемпион æмæ 2015 азы дунейы чемпионаты бронзæйон призер.

Уæрæсейаг тренеры ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæры ма бахауд Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы æвзист призер Аниуар Гедуев дæр.

"Рæмонаты Сослан æмæ Аниуар Гедуев ацы аз улæфдзысты, уымæн æмæ уыдонæн арæзт æрцыдысты операцитæ менискыл æмæ кæронмæ не ′сдзæбæх сты. Дыууæ дæр нырма æрæджы æрæвнæлдтой тренировкæтæм", — загъта Тедеты Дзамболат æмæ бафтыдта, сæ ныфсытæ баст кæй сты радон сезоныл.

Спортивон хъæбысхæстæй дунейы чемпионат ацæудзæн Францы 21-26 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0