Уæлахиздзаутæ æрыздæхтысты Ирыстонмæ: куыд сæмбæлдысты чемпионтыл

© Газета "Слово"Агънаты Батрадз
Агънаты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чемпионтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты чиновниктæ, æмбæлттæ æмæ Ирыстоны номдзыд спортсментæ

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. АСВ версимæ гæсгæ ММА дунейы чемпион æрдæгуæззау уæзы Агънаты Батраз æрыздæхт Ирыстонмæ сумойæ Ӕппæтуæрæсейаг хъæзтыты уæлахиздзаутæй дыууæимæ — Мæргъиты Василий æмæ Хъазиты Ацæмæзимæ, хъусын кæны Ossetia News.

Тренировка борцов спортивной корпорации японского сумо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон сумоисттæ рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ Ӕппæтдунейон хъæзтыты

Чемпионтыл сæмбæлдысты ирон уæлибыхтæ æмæ бæгæныимæ, зарджытæ æмæ кæфтытимæ.

Агънаты Батраз байста чемпионы титул бразилиаг спортсмен Тиаго Сильвайæ.

"Мæ ныхмæлæууæг уыд тынг фæлтæрдджын, мах цæттæ кодтам тохмæ 3 мæйы бæрц, æххуыс мын кодтой ме ′мбæлттæ, æввахс хиуæттæ æмæ æндæр спортсментæ. Ӕз нæ дызæрдыг кодтон мæ уæлахизы, алцыдæр хорз ацыд æмæ мах равдыстам хорз тох. Тохы фæстæ райстам кæрæдзи къухтæ, уый мæм бахатыд реваншы тыххæй. Кæд æй æцæг афтæ фæнды, уæд æз цæттæ дæн рингмæ цыфæнды рæстæг дæр рахизын", — загъта Батраз.

Сумойæ Ӕппæтдунейон хъæзтыты чемпионтæ æрыздæхтысты сыгъзæрин майдантимæ, уыдоныл дæр сæмбæлдысты æмæ сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ ахæм уæлахизы тыххæй.

"Махыл ныртæккæ цины æнкъарæнтæ афтæ стых сты æмæ нæ бон исты зæгъын дæр нæу. Фæдзырдтой нæм хæдзарæй æмæ нæ бафæдзæхстой, цæмæй æнæ сыгъзæрин майдантæй ма æрыздæхæм. Хъуыды кодтам æрмæстдæр ууыл æмæ рамбылдтам", — загъта +115 уæзы категорийы чемпион Мæргъиты Василий.

Ног хабӕртты лентӕ
0