Тменаты Тамерланыл 40 азы: дзюдойы дæсныйы уæлахизты истори

© Sputnik / Дмитрий Коробейников /  Ахизын медиабанкмæТменаты Тамерлан
Тменаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд уæрæсейаг дзюдоист Ирыстонæй, Уæрæсейы æмбырдгонды экс-капитан цыппæрæмы нысан кæны йæ 40 азы юбилей. Спортсмены хыгъдыл ис бирæ уæлахизтæ æхсæнадæмон турнирты

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Сиднейы Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер, Уæрæсейы дзюдойы федерацийы вице-президент Тменаты Тамерлан банысан кодта йæ цыппоразон юбилей. Sputnik зæрдыл лæууын кæны зынгæ ирон дзюдоисты нысаниуæгджын этаптæ.

1977 аз. Райгуырд Дзæуджыхъæуы.

1995 аз. Спортсмен фыццаг хатт айхъуысын кодта йæ ном юниорты æхсæн Европæйы чемпионаты уæлахизæй.

1996 аз. Фыццаг бынат Ӕрыгон спортсменты дунейон чемпионаты.

1997 аз. Бронзæйон майдан дунейы чемпионаты. 2003 азы ма спортсмен рамбылдта ноджы иу бронзæ дунейы чемпионаты.

© judoinsideТменаты Тамерлан
ТАМЕРЛАН ТМЕНОВ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тменаты Тамерлан

1997-2010 азтæ. Уыд дзюдойæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæнг.

1998 аз. Ссис бронзæйон призер дунейы чемпионаты. Уыцы аз ма уый бацыд Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ æмæ ссис командæйы капитан. 2001 азы уый ссис Гран-Прийы уæлахиздзау.

1998-2000 азтæ. Уыд Европæйы æнæаивгæ чемпион. Иу азы фæстæ дæр та 2001 азæй 2003 азы онг уыд Европæйы чемпион.

2000 аз. Рамбылдта Сиднейы Олимпиаг хъӕзтыты бронзӕ майдан + 100 кг уӕзы категорийы.

2000 аз. Райста спорты сгуыхт мастеры ном.

2001 аз. Хорзӕхджын ӕрцыд орден "За заслуги перед Отечеством"-ы дыккаг къӕпхӕны майданӕй.

© FacebookТменаты Тамерлан
Тамерлан Тменов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тменаты Тамерлан

2004 аз. Афинты Олимпиаг хъӕзтыты рамбылдта ӕвзист майдан.

2006 аз. Хорзӕхджын ӕрцыд орден "За заслуги перед Отечеством"-ы фыццаг къӕпхӕны майданӕй.

2008 аз. Уыд Пекины Олимпиаг хъӕзтыты хайадисӕг.

2008 аз. Ссис Уӕрӕсейы Дзюдойы федерацийы вице-президент.

2010 аз. Спортсмен фӕцис йӕ спортивон карьерӕ.

2010 — 2015 ӕзтӕ. Цӕгат Иры парламенты депутат.

2011 аз. Ссис УФ президенты ЦКФЗ ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты департаменты уынаффӕгӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0