Дунейон бронзæимæ: Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваДыгъуызты Милена
Дыгъуызты Милена - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры историйы иунæг чызг-армæхæцæг, дунейон ерысты призер ныфс дæтты, фидæнмæ та сыгъзæрин майдан кæй æрхæсдзæн

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Цхинвалы скъола-интернаты педколлектив æмæ ахуырдзаутæ цытджын уавæры сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны историйы иунæг чызг –армхæцæг, дунейон ерысты призер Дыгъуызты Миленайыл. Уый ацы бонты дунейы чемпионаты Будапешты рамбылдта бронзæйон майдан æрыгæдты хсæн.

Ирон æрмхæцджытæ рамбылдтой 7 майданы Дунейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æрмхæцджытæ рамбылдтой 7 майданы Дунейы чемпионаты

16-аздзыд чызг армспорты архайы дыккаг аз, нырмæ йын бантыст рамбулын республикæйы æмæ Уæрæсейы чемпионат, дыккаг бынат бацахста Европæйы ерысты. Æрыгон спортсменкæ ныфс дæтты, фидæнмæ та сыгъзæрин майдан кæй æрхæсдзæн.

Ног уæлахиздзауимæ къам сисын, раарфæ кæнын æмæ бæлиццаг майдан сæ къухмæ райсын кæй фæндыд, уыдонæй сырæзт радтæ.

Дыгъуызты Миленайы физикон культурæйы ахуыргæнæг Уалыты Руслан, кæцы сразæнгард кодта чызджы ацы спортмæ бацæуын, банысан кодта, Миленайæ кæй райдыдта Хуссар Иры сылгоймæгты æрмтохы истори.

"Скъола–интернаты сывæллæттæй цалдæр бацыд армспортмæ Миленайы æнтыстыты фæстæ", — загъта ахуыргæнæг.

Уæлахиздзау йæхæдæг дард фæндагæй фæллад, бузныг загъта, йæ фарсмæ чи баллæуыд, уыцы адæмæн æмæ банысан кодта, йæ тохтæй райгондæй кæй баззад, стæй баныфсæвæрдта "иннæ аз йæ майдан сыгъзæринæй кæй раивдзæн".

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
1/3
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
2/3
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл
3/3
Цхинвалы сæмбæлдысты армхæцæг Дыгъуызты Миленайыл

Дыгъуызты Милена ерысты архайдта +70 килограммы уæзы, Уæрæсейы командæйы сконды. Цæттæ йæ кæны тренер Джиоты Валерий.

Дунейон ерыстæ цыдысты сентябры фыццаг бонты Венгрийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0