Къудухты Бесикы æртыккаг номарæн турнир ацæудзæн Краснодары

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæКъудухты Бесик
Къудухты Бесик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къудухты Бесикы номыл æртыккаг номарæн ерыстæ æрæмбырд кæндзысты тыхджындæр æрыгон богалты 22-24 сентябры. Æрвылаз номдзыд ирон богалæн нывонд турнир саразынц Хуссар Иры дæр

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Ирон номдзыд хъæбысхæцæг, олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты призер æмæ дунейы цыппар хатты чемпион Къудухты Бесикы æртыккæгæм номарæн турнир ацæудзæн Краснодары крайы сентябры, хъусын кæны регионы спорты министрад.

Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгатирыстойнаг богалтӕ рамбылдтой Къудухты Бесикы номарӕн турнир Цхинвалы

Къудухты Бесикы номыл æртыккаг номарæн ерыстæ æрæмбырд кæндзысты тыхджындæр æрыгон богалты 22-24 сентябры. Æртæ боны тохты фæстиуæгæн тыхджындæртæ фæбæрæг уыдзысты 50, 55, 60, 66, 74, 84, 96, 120 кг уæзы категориты.

"Турниры уæлахиздзаутæ райсдзысты сыгъзæрин майдантæ æмæ сын уыдзæн фадат Уæрæсейы спорты мастеры нормативтæ сæххæст кæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ерыстæ организацигонд цæуынц Краснодары крайы спорты министрады хъæппæрисæй.

Къудухты Бесик райгуырд Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы. У 2008 азы Пекины олимпиадæйы бронзæйон призер, 2012 азы Лондоны олимпиаг хъæзтыты æвзист майданы хицау, дунейы цыппар хатты чемпион, Европæйы чемпион æмæ Уæрæсейы фондз хатты уæлахиздзау.

Æрвылаз номдзыд ирон богалæн нывонд турнир саразынц Хуссар Иры дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0