ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Уæззау атлетикæйы æхсæнадæмон федераци (IWF) аиуварс кодта ерыстæй 2012 азы олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер, дунейы дыууæ хатты чемпион Ӕлбегтаы Русланы допингы ныхмæ уагæвæрды статьятæй иу фехалыны тыххæй, хъусын кæны Р-Спорт.
"Спортсмены рæстæгмæ аиуварс кодтой ерыстæй допингы ныхмæ уагæвæрды фехæлды тыххæй", — дзырдæуы организацийы хъусинаджы.
105 кг-йæ уæлдæр уæзы архайæг уæззау атлет Ӕлбегаты Руслан рамбылдта бронзæ майдан 2012 азы Олимпиадæйы, фæуæлахиз 2013 æмæ 2014 азты дунейы чемпионатты, афтæ ма рамбылдты Европæйы чемпионаттæ (2012, 2013) æмæ Универсиадæ-2013 Казаны.
Амæй размæ IWF аиуварс кодта Уæрæсейы уæззау атлетикæйы федераци æмæ ма ноджы аст бæстæйы федерациты иу азы æмгъуыдмæ допингы ныхмæ уагæвæрды тыххæй. Уымæ гæсгæ, УФ-йы æмбырдгонд нæ райсдзæн хайад 2017 азы дунейы чемпионаты, кæцы ацæудзæн ноябры кæрон Анахаймы (АИШ).