Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ фыццаг хатт нӕ фӕдаргъ кодтой ӕххуысы къух бынӕттон цӕрджытӕм зынгирвӕзттӕ хуыссын кӕныны хъуыддаджы.
Ацы хатт та хус кӕрдӕг ссыгъд Гуырдзыстоны территорийыл, Хуссар Ирыстоны арӕнмӕ бынтон хӕстӕг. Рӕстӕгыл ӕй куыннӕ ахуыссын кодтаиккой, уӕд арт цыбыр рӕстӕгмӕ апарахат уыдаид республикӕйы территорийыл ӕмӕ Знауыры районы арӕнгӕрон хъӕу Лашейӕн ӕрхастаид стыр зиан.
Иу ахӕм хабар ма ӕрцыд августы мӕйы дӕр. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дыууӕ хатт дӕр хус кӕрдӕгыл арт бандзӕрстӕуыд барӕй.