Цхинвалы сарӕзтой фонтан "Уарзæттæ хураууоны бын"

Рафыссын
Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл фӕлладуадзӕн скверы сцæттæ ис фонтан скульптурон композициимӕ - "Уарзæттæ хураууоны бын".

Фонтан официалон æгъдауæй бакæндзысты фæстæдæр, йӕ алыварс сквер хæрзарæзт куы рцæуа, уæд. Ам ма сæвæрдзысты рухсытæ æмæ бандæттæ.

Нывгæнæг-скульптор Бекъойты Алан цырт "Уарзæттæ хураууоны бын" нымайы йӕ аккагдæр куыстытæй иуыл.

Фотанимæ сквер арӕзт цӕуы районы фæсивæды инициативæмæ гæсгæ президент Тыбылты Леониды сӕрмагонд фонды фӕрӕзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0