Тыхджын ихуард Дзæуджыхъæуы: æрдзон бæллæхы кадртæ

Рафыссын
Цæгат Ирыстоны боныгъæд дарддæр дæр аразы сюрпризтæ, майрæмбоны Дзæуджыхъæуы ныккалдта их

Дзæуджыхъæуы æвиппайды райдыдта уарын тæрккъæвда ихимæ. Цæстæйфенджыты ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны столицæйы районтæй бирæтæ фесты доны бын, автомашинæты змæлд фæзындæр. Ӕвзæр боныгъæды амæттаг фесты горæты центр, 34-æм микрорайон, БАМ æмæ Дзæуджыхъæуы аннæ районтæ дæр.

Цæгат Ирыстоны УУМ куыд фехъусын кодта, афтæмæй нырма нæй зианбаййафджыты тыххæй информаци.

Раздæр, æртыццæджы Цæгат Ирыстоны баконд æрцыд уæлвæткон уавæры режим тæрккъæвдатæ æмæ цæугæдæтты доны æмвæзад фæбæрзонддæры тыххæй. Республикæйы хицæуттæ дарддæр иуварс кæнынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0