Президент: Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысайæн ис егъау нысаниуæг

Рафыссын
Паддзахадон тырысайы боны цытæн мадзалы Бибылты Анатолий банысан кодта, националон тырыса республикæйæн æрмæст паддзахаддзинады символ кæй нæу, фæлæ ма фыццаджыдæр, ирон адæмы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады æвдисæнад

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысайы бонæн нывонд цытджын церемони уагъд æрцыд Цхинвалы централон фæзуаты. Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хицауады уæнгтæ, республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, абоны бæрæгбонæн кæй ис егъау нысаниуæг æппæт ирон адæмы æхсæн.

Паддзахадон тырысайы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон тырысайы бон

"Абон æрмæст Хуссар Ирыстон нæ нысан кæны Паддзахадон тырысайы бон. Ӕппæт Ирыстон нысан кæны ацы нысаниуæгджын бон. Уымæн æмæ иу адæм куы нæ уаиккам, уæд нын иумæйаг тырыса дæр нæ уаид", — загъта Бибылты Анатолий церемонийы рæстæджы.

Ирон скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ кадетон ахуыргæнæндоны студенттæ азарыдысты Хуссар Ирыстоны гимн æмæ æртæ хатты "Ура!"-мæ рахастой республикæйы паддзахадон тырыса.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0