УФ ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй нысан ӕрцыд Леонид Слуцкий

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæУФ ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй нысан ӕрцыд Леонид Слуцкий
УФ ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй нысан ӕрцыд Леонид Слуцкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Леонид Слуцкий ӕмрӕстӕджы кусдзӕн Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер ӕмӕ Ӕфсӕддонты централон спортивон клубы сӕйраг тренеры бынӕтты.

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Мӕскуыйы Ӕфсӕддонты централон спортивон клубы (ӔЦСК) сӕргълӕууӕг Леонид Слуцкий нысан ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы футболы ӕмбырдгонд командӕйы сӕйраг тренерӕй, хъусын кӕны УФ футболон цӕдисы офицалон сайт.

Уӕрӕсейаг специалистимӕ бадзырд бафыст ӕрцыд 2016 азы Евпорӕйы чемпионаты ӕвзарӕн циклы фӕудмӕ. Ӕмрӕстӕджы ма уый кусдзӕн ӔЦСК сӕйраг тренерӕй. Ацы уынаффӕ растыл банымадта УФ спорты министард.

Ивгъуыд мӕйы УФ ӕмбырдгонды раздӕры сӕйраг тренер Фабио Капеллоимӕ бадзырд ӕмгъуыдӕй раздӕр хӕлд ӕрцыд. Уӕд УФ футболон цӕдисы хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Никита Симонян фехъусын кодта, ацы бынатмӕ кӕй райсдзысты ӕрмӕстдӕр уӕрӕсейаг специалисты.

Ног хабӕртты лентӕ
0