Хъынцымгæнæг мады цырт: "Царды фӕндагыл" трагедийы ирд ӕвдисӕн

© Sputnik / Алексей КовалевЗарская трагедия
Зарская трагедия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылаз дӕр Хуссар Иры цæрджытæ сæдæгæйттæй ссæуынц бæстæйы иууыл уæззаудæр трагедийы амæттæгты рухс нӕмттӕ æрымысынмæ. 25 азы размæ туджы лæсæнты бын цы æрдуз фæцис, уый байдзаг вæййы дидинтæй

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зары къулдымыл фӕхӕрдгӕнгӕйӕ бæлццæтыл æмбæлы, ӕрмӕст йе ‘ддаг бакастӕй дӕр адӕймаджы зӕрдӕ чи баризын кӕны, уыцы цырт — Зары трагедийы амӕттӕгтӕн монумент. Хуыцаумæ дзыназæг сылгоймаджы сурæт, кӕцы йӕ аууон ӕмбӕхсы йӕ хъӕбулы, у 25 азы размæ ӕгъатыр тугкалды диссаджы ирд ӕвдисӕндар.

Зары трагеди – фыдох æмæ масты 24 азы

1992 азы Зары фæндагыл, кӕцы уыд иунгæг бастдзинад дунеимӕ йыл æрфидар "царды фæндаджы" ном, хӕстон Цхинвалӕй лыгъдысты зӕрӕдтӕ, сылгоймӕгӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Лигъдӕтты иу къорды размӕ Зары къуылдымыл бабадтысты гуырдзиаг неформалтӕ ӕмӕ сӕ ныццагътой. Знаг нæ бацауæрста нæдæр сабийыл, нæдæр карджын адæмыл. Уыцы ӕвирхъау трагедийы амӕттаг баисты 34 ӕнӕазым уды, 20 май та бацыд Хуссар Ирыстоны историйы иууыл трагикондӕр бонты номхыгъдмæ.

Трагедийы бынаты 2007 азы сӕвæрдтой мемориалон цырт, йӕ автор — нывгæнæг æмæ скульптор Зассеты Сæрмæт. Ацы мемориал у иунӕг республикӕйы, кæцымæ фау не ʻрхастой иууыл хынцагурæг адæм дæр.

Æнæфау цырты проект æндæрты ʻхсæнæй равзæрстой сӕрмагонд конкурсы рӕстӕджы. Фæлæ эскиз фыст ӕрцыд, нырма конкурсæн йæ кой дæр куыннæ уыд, уӕд.

"Зары фæндагыл ацы уæззау хъуыддаг куы ʻрцыд, уæд трагедийы амæттæгты скъæфтой рынчындомæ. Уырдӕм адӕм удаистӕй фæдисы лыгъдысты, балыгътӕн ӕз дӕр ӕмӕ æнустæм мæ цæстыты раз баззад уыцы тугтӕригъӕд ныв. Ӕзтӕ рацыд, фӕлӕ ацы хъуыддаг мӕ хъуыдыйӕ нӕ хицӕн кодта. Афтæмæй райгуырд цырты проект", — æрымысыд цыртыл куысты рæстæг йæ автор.

Мемориалон комплексы центры ис мад йæ хъæбулимæ, йæ фæсчъылдым æркъул чырыстон дзуар. Ныййарæг мад тыхст рæстæджы йӕ ӕрмттӕ сдардта Хуыцаумӕ — куры дзы, цӕмӕй йын знаджы нӕмыгӕй бахиза йӕ чысыл чызджы.

© Sputnik / Плиты ФатимаСкульптор Зассеев Сармат
Скульптор Зассеев Сармат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скульптор Зассеев Сармат

Йæ бындур та, тар къæдзæхы дӕрзӕг уæлцъарыл рахантæн ис адæймæгты æндæргтæ. Цырт йӕ алыварс ӕрбамбырд кодта Зары æрцæугæ бæллæхтæ.

"Лигъдӕтты колоннӕйӕ удыгасӕй раирвæзт иу чысыл саби, уый йӕ мад бабмӕрзта йӕ буарӕй. Ныййарæджы фæсчъылдым дзуар кæй фæкъул ис, уый та нысан кæны, тыхст сахат ацы адæм цыма Хуыцауæй дæр байрох сты. Фӕлӕ мадӕн Хуыцауыл се ʻууæнк нæ асаст — ууыл дзурӕг у йӕ уæларвмæ здæхт цæстæнгас", — радзырдта Зассеты Сæрмæт.

Мемориал Сӕрмӕты эскизмӕ гӕсгӕ сцæттæ кодтой цыппар скульпторы. Цырт афтӕ ирдӕй радæтта ирон адæмы радон бæллæхы æвирхъаудзинад, ӕмӕ иу адӕймаджы дӕр нӕ ныууадзы уазалахастӕй.

© Sputnik / Алексей КовалевЗары трагеди
Зарская трагедия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зары трагеди
"Арӕзтой йӕ Цхуырбаты Тамерлан, Икъоты Николай, Ӕлборты Ӕхсæртæг æмæ æз. Бирæ хъарм ныхæстæ райстам — сæ зæрдæмæ цæуы хуымæтæг адæмӕн дӕр æмæ нывгæнджытæн дæр. Уый ахӕм æбуалгъ трагеди уыд æмæ, æвæццæгæн, йæ номарæн цыртмæ фау æрхæссын дæр лæг нæ уæнды, науæд та æцæгдæр æнæаипп рацыд. Ахæм уæззау хъуыддагæй хи буц кæнын раст нæу, фæлæ йæ æвзæр саразын дæр фыдракæнд у адæмы раз", — банысан кодта нывгӕнӕг.

Уӕдӕй абоны онг алы аз дӕр 20 майы Зары фæндаг, кæцы 90-æм æзты сайдæй рацыд цардмæбæллæг лигъдӕттӕй, байдзаг вӕййы адӕмӕй — ардӕм сӕдӕгай цӕрджытӕ ӕрбацӕуынц 34 ӕнӕазымӕй фӕмардуӕвӕг адӕмы рухс ном ссарынмӕ. 1992 азы туджы лæсӕнты бын цы æрдуз фæцис, уый байдзаг вæййы дидинтæ ӕмӕ цырӕгътӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0